Борджомы, хъæу Квабисхевийы цур хъæды, зынсирвæзт ликвидацион  куыстытæм  баиу ис  хæрдмæтæхæг
Борджомы, хъæу Квабисхевийы цур хъæды, зынсирвæзт ликвидацион куыстытæм баиу ис хæрдмæтæхæг

Борджомы хъæды  сыгъд хуыссын кæныны  мадзæлттæм баиу ис  арæнон пъæлицæйы  хæрдмæтæхæг. Уый фæдыл  информаци МХМ-ы  уæлвæтк уавæрты  куыст  хуъсын кæны.

«МХМ-ы  зынвæдисон-ирвæзынгæнæн  тыхты  фыццаг  реагиркгæнæг  къордтæ, Борджомы   муниципалитеты хъæуы Квабисхевы  цур   хъæды сыгъды  фæдыл  хъусинаг  куыддæр райстой, афтæмæ рахызстыты æмæ   сыгъд хуыссынгæнæн мадзæлттæм рывнæлдтой.

Вазыгджын  рельефы тыххæй  не нтыстис  сыгъды  артдзæстмæ  зынвæдисон-ирвæзынгæнæн  техникæ  баласын  æмæ зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнджытæ  куыстой, индивидуалон гæрзтæй. Уымæй  уæлдай ма,  уавæр  карз кæны  фидар дымгæ. Сыгъды ахæлиуы рискъы тыххæй,  зынгхуыссынгæнæн  процессмæ  Тбилисæй  уæлæмхас  къордты арвитыны фæдыл скуыддзаг уыд хаст.  Зынгхуыссынгæнæн мадзæлттæм баиу ис  арæйнон пъæлицæйы  хæрдмæтæхæг,  локализацион   куыстыты æмтгæй райсгæйæ хайад исынц   уæлвæтк уавæрты куысты  100 зынхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæгæй», – банысангонд у  уагдоны  информацийы.