Туркаг фарсы информацийæ, 10  марты Анталиайы  ацæудзæн фембæлд, кæцыйы Сергей Лавров æмæ Дмитро Кулеба  райсдзысты хайад
Туркаг фарсы информацийæ, 10 марты Анталиайы ацæудзæн фембæлд, кæцыйы Сергей Лавров æмæ Дмитро Кулеба райсдзысты хайад

Турчы   фæсарæн хъуыддæгты министр Мевлут Чавушогълуйы   фидиуæнæй,  10  марты   Анталиайы  æртæфарсон фембæлд ацæудзæн, кæцыйы  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавров   æмæ Украинайы  фæсарæн хуъыддæгты министр  Дмитро Кулеба   райсдзысты хайад.

«Нæ сæйраг нысан у  конфликт  фæуромын. Украинайæ  мах 12 мин æмбæстаг евакуаци скодтам. Æртæфарсон  саммит ауадздзыстæм  цыппæрæмы, 10 марты. Не стыр тыхархайд уыд  фарсыты  фембæлд  саразынæн.  Лавров райхъусын кодта,  цæмæй  цæттæ у Анталиайы ауадзинаг фембæлдмæ рацæуын.  Украинайы  фæсарæн хуъыддæгты министр Кулеба  афтæдæр загъта,  цæмæй  æрцæудзæн», –  банысан кодта Чавушогълу.