Ираклий Къобахидзе фембæлд Никол Пашинянимæ
Ираклий Къобахидзе фембæлд Никол Пашинянимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе фембæлд Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинянимæ.

Хицауады Сæрдары пресс-куыстуат куыд хъусын кæны, афтæмæй лæгæй-лæгмæ фембæлды рæстæджы ныхас цыд Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæн стратегион партнерадыл æмæ дыууæ бæстæйы экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы рабадты боны фæткмæ хаст фарстытыл.

«Фарсытæ æрныхас кодтой Æввахс Скæсæны уæвæг уавæрыл æмæ бахахх кодтой дипломативон тыхархайдтыты нысаниуæг уавæры деэскалаци æмæ æнæфæцудгæ сабырад сфидар кæнынæн.

Премьер-министр Ираклий Къобахидзе сомихаг коллегæйæн ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны хицауады цæттæдзинад регионы сабырад æмæ стабилондзинады фæтыхджындæр кæнынæн йæ хайбавæрд бахæссын» – банысан кодтой премьер-министры пресс-куысты.