Туризмы националон администраци – фараст мæйы æхсæнадæмон туризмæй æфтиаг 3,3 миллиард доллары бæрц уыд
2023 азы I-III кварталы балцы цыдæй (туизмæй) райст æфтиаг ахызт 2019 азы бæрæггæнæнæй æмæ рекордон бæрæггæнæн сфиксир ис – 3,251,651,900 АИШ доллар, кæцы 2019 азы аналогион периоды +25.9%-æй фылдæр у (+668,812,328 АИШ доллар) – уый фæдыл бынсангонд у туризмы националон администрацийы информацийы.
Туризмы националон администрацийы хъусинагæй, 2022 азимæ абаргæйæ туризмæй æфтиæгтæ райрæзтысты +734,468,385 (+29.2%) АИШ долларæй.
«2023 азы III кварталы туризмæй æфтиаг ахызт 2019 азы бæрæггæнæнæй æмæ 1,447,121,966 АИШ доллар уыд, кæцы 2019 ащы аналогион бæрæггæнæнимæ абаргæйæ +28.4% рæзт ис, 2022 æртыккаг кварталимæ абаргæйæ та, балцæй æфтиæгтæ райрæзтысты +72,468,664 (+5.3%) АИШ доллларæй»- банысангонд у информацийы.