Туризмы националон администраци – Гуырдзыстон 2025-æм азы рекордон нымæц туристтæ, 5,5 милуанæн суазæг кодта
Гуырдзыстон 2025-æм азы туристон визиты рекордон нымæц сфиксир кодта, кæцы историон максимум 5 521 866 визитмæ баххæсыд, кæцы 2024-æм азимæ абаргæйæ +8.4% фылдæр у – уый фæдыл информацийы хъусын кæны националон туризмы администраци.
Сæ информацимæ гæсгæ, ивгъуыд азы Гуырдзыстонмæ æрцыд 7 803 239 æхсæнадæмон бæлццон, кæцы 2024 азимæ абаргæйæ +5.9% фылдæр у.
2025 азы Европæйы Цæдис æмæ Иугонд Паддзахадæй æрцыд рекордон нымæц визиттæ, 499 890 визиты, кæцы у +14% фылдæр 2024 азимæ абаргæйæ.
«Зæрдылдаринаг у, цæмæй ивгъуыд азы рекордон бæрзонд визиттæ æрцыдысты фиксиргонд Иугонд Паддзахадæй (+39,1%; +12,646 визиты); Грецийæ (+28,2%; +7,765 визиты); Францæй (+17,4%; +4,917 визиты); Италийæ (+39,4%; +7,840 визиты; +7,840 визиты);
Евроцæдис æмæ Стыр Британийæ уæлдай ма, рæзт фиксиргонд цæуы æндæр нысангонд туристон базартæй. 2025 азы Персы бакæлæны бæстæтæй æрцыд 145 513 визиты (рæзт +3,4%; +4 774 визиты), уыцы нымæцы Сауды Аравийæ визитты стыр рæзт, (+9,1%; +8 042 визиты).
2025 азы визитты нымæц сæрмагондæй фæфылдæр ис ахæм бæстæтæй: Израил (+91 444 визиты; +29,4%); Азербайджан (+72 793 визиты; +33,2%;); Китай (+39 312 визиты; +44,4%)
2025 азы 4-æм квартал хицæн кодта дунеон туристон визиттæй. Ивгъуыд азы сентябрæй декабрмæ периоды æхсæнадæмон туристон визитты рекордон рæзт фиксиргонд æрцыд æмæ историон максимум 1 214 772 визиты уыд, кæцы 2024 азы аналогион периодимæ абаргæйæ +10.5% рæзт у.
Æхсæнадæмон туристон визиттæм та цы хауы, ивгъуыд азы сентябрæй декабрмæ периоды, Гуырдзыстонмæ 1 693 484 æхсæнадæмон туристон визит сырæзт, кæцы 2024-æм азы 4-æм кварталимæ абаргæйæ +7.6% фылдæр у» -ис фыст туризмы националон администрацийы фидиуæны.