Тоиво Клаар – Заза Гахеладзе æнæмæнгæй хъуамæ ссæрибар уа æмæ куыд гæнæн ис афтæ тагъд
Хуссар Кавказы, кризисы фарстæты Евроцæдисы специалон минæвар, Тоиво Клаары фидиуæнæй, зæгъгæ Женевæйы бадзырдты 53-æм раундыл æнæмæнгæй каст уыдзæн Заза Гахеладзейы ссæрибар кæныны фарст.
«Заза Гахеладзейы ссæрибар кæныны фарст æнæмæнгæй æркæсдзыстæм. Евроцæдисы æрдгæй ацы темæ сæвæрдзыстæм бирæ форматты. Заза Гахеладзе æнæмæнгæй хъуамæ ссæрибар уа æмæ тынг тагъд. Зæгъæн ис, иу афæдз рацыд Гуырдзыстоны æмбæстагы æрцахстæй. Æцæг афон у йе ссæрибар кæнын. Æз не нхъæлмæ кæсын, цæмæй абоны фембæлды фæстиуæгæн æнæаргъæвгæйæ рауадздзысты Гахеладзейы ахæстонæй, фæлæ мæ ныфс ис, ацы фембæлд æмæ дискусси процессы ахъаззаг уыдзысты», – райхъусын кодта Тоиво Клаар.