Ираклий Гъарибашвили, Тоиво Клааримæ афæлгæста оккупацигонд  Гуырдзыстоны  территоритыл уæвæг уавæр
Ираклий Гъарибашвили, Тоиво Клааримæ афæлгæста оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæр

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили   Хуссар Кавказ æмæ  Гуырдзыстоны кризисы  фарстаты  Евроцæдисы  специалон   минæваримæ, Женевæйы  æхсæнадæмон  бадзырдты æмсæрдар Тоиво Клааримæ  æмæ Женевæйы  æхсæнадæмон дискусситы ИНО-йы æмæ OSCE-ы  минæвæрттимæ фембæлдыл, оккупацигонд Гуырдзыстоны   территоритыл уæвæг  уавæр  афæлгæста.  Информаци хъусын  кæны Гуырдзыстоны хицауады  администраци.

Афтæма сæ информацийæ,  хицауады  администрацийы   ацæугæ фембæлдыл  банысан ис, ома  нысаниуæгджын у   конфликттæ  сабырадон фæндагæй  алыг кæнын.  Ацы  контексты бахахх ис  Женевæйы  æхсæнадæмон бадзырдты  форматы, архайадон,  рахатинаг   фæстиуджытæ баххæссыны  нысаниуæг æмæ афтæма Галы инциденттæ маруадзыны  æмæ сыл  реагиркæныны  механизмты фæдыл   фембæлдтæ сног кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

Ираклий Гъарибашвили Тоиво Клаарæн  конфликты сабырадонæй алыг кæныны процессы  сæрмагонд тыхархайды тыххæй раарфæ кодта  æмæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодта  конфликты сабырадонæй  алыг кæныны  политикæимæ  Гуырдзыстоны  хицауады изæрдыгдзинад.

Хицауады администрацийы хъусинагæй,  Тоиво Клаары æмæ Женевæйы æхсæнадæмон  дискусситы  ИНО-йы æмæ OSCE-ы  минæвæрттимæ  фембæлдыл  ныхас  уыдис  регионы æмæ Дунейы  уæвæг  æдасдзинады  уавæры æмæ  æртхъирæнтыл.