Николоз Самхарадзе Тоиво Клааримæ фембæлдис
Николоз Самхарадзе Тоиво Клааримæ фембæлдис

Æддæ ахастыты  омитеты сæрдар  Николоз Самхарадзе  Хуссар Кавказы  æмæ Гуырдзыстоны кризисты  фарстаты   Евроцæдисы   специалон  минæвар Тоиво Клааримæ æмæ йæ уынаффæгæнæгимæ  фембæлдис.

Гуырдзыстоны  парламенты информацийæ, фарсытæ  Гуырдзыстоны  æдасдзинады фарстатæ æмæ Хуссар Кавказы  регионы  цæугæ  процесстæ  афæлгæсто.  Фембæлдыл бахахх ис  Сомихы æмæ Азербайджаны  æхсæн ахастыты срегулиркæныны  процессы  Гуырдзыстоны  нысаниуæгджын  роль.

Николоз Самхарадзе   Евроцæдисс специалон  минæваримæ иумæ  оккупацгонд  регионты  уæвæг  уæззау  уавæр æмæ Уæрæсейы Федерацийы  æнæзакъонон  архæйдтытæ  афæлгæста, сæ нымæцы  фæстаг рæстæджы Сухумы цæугæ  фæзындтæ æмæ  де-факто  хицæуæды  уынаффа, ма бауадзой  Евроцæдисы спецминæвар  Абхазы.

Фембæлды кæрон  Николоз  Самхарадзе  æмæ Европаг  дипломат цыбыр афæлгæстой  бæстæйы мидполитикон  уавæр æмæ  разæвзарæнон  процессы  æндæвдад  оккупацигонд территоритæм гæсгæ.