Ираклий Гъарибашвили Тоиво Клааримæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæр  афæлгæста
Ираклий Гъарибашвили Тоиво Клааримæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæр афæлгæста

Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  Женевæйы  æхсæнадæмон   бадзырды  æмсæрдар, Евроцæдисы специалон минæвар Хуссар Кавказы  æмæ Гуырдзыстоны  кризисы  фарстаты Тоиво Клааримæ фембæлдис.

Хицауады сæргълæууæг  фембæлдыл Ираклий Бебуайы  æмæ æнæзакъононæй  ахст   Гуырдзыстоны æндæр æмбæстгæты ссæрибар кæнынæн æхсæнадæмон  тыхархайд стынг кæнын æнæмæнгхъæуындзинадыл  сцырын кодта хъусдард.  Бахахх ис Женевæйы æхсæнадæмон  бадзырды форматы архайадон, рахатинаг фæстиуджытæм æрцæуыны нысаниуæг.

Хицауады сæргълæууæг  бахахх кодта Галы районы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны  мехниазмты фембæлдты сног кæныны æнæмæнгхъæундзинад æмæ  ноджы иу хатт  сбæлвырд кодта конфликты  сабырадон  аскуыддзагы  политикæмæ Гуырдзыстоны хицауады иузæрдыг ахаст.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстоны  хицауад деоккупацийы  æмæ конфликты сабырæй  аскуыддзагæн   активон къахдзæфтæ  аразы  æмæ активон куыст кæны  иугонд националон  ахасты æмæ æппæтылæххæссæг  падздахадон  стратеги бакусынæн.