Тоиво Клаар – тыхæй æнæспайда, лигъдæтты фарста сты  сæйраг элемент Женевæйы дискусситыл, ныфс дарын уынаффæ уыдзæн  пайдаджын
Тоиво Клаар – тыхæй æнæспайда, лигъдæтты фарста сты сæйраг элемент Женевæйы дискусситыл, ныфс дарын уынаффæ уыдзæн пайдаджын

Хуссар Кавказ æмæ  Гуырдзыстоны кризисты фарстаты Евроцæдисы  специалон  минæвар Тоиво Клаары  фидиуæнæй,   тыхæй  æнæспайда  æмæ  лигъдæтты  фарста  Женевæйы  бадзырдтыл  дискуссийы сæйраг  элементтæ  сты.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   куыд æмсæрдæртты,  бацархайдзысты  бадзырды  сæрмагондæй размæ рахæцой  раст ацы фарстатæ.

Тоиво Клаары  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйÆ,   зæгъгæ  сæм ис ныфс, цæмæй бадзырдтæ  пайдаджын уыдзысты.

«Женевæйы стæм  уымæн æмæ   дискуссийы  формат у  нысаниуæгджын.  Фарстæты  тыхæхй  куы зæгъæм уæд, фарстатæ  сты æнæивгæ, тыхæй æнæспайда, лигъдæттæ –  адон сты  сæйраг  элементтæ  Женевæйы  дискусситыл.  Бацархайдзыстæм  куыд æмсæрдæрттæ,   ацыхатт дæр   сæрмагондæй   размæ рахæцæм  ацы фарстатæ  æмæ  нæм ныфс ис, цæмæй баджзырдтæ  пайдаджын уыдзысты.   Женевæйы  дискусситæ  алкæмæндæр сты  нысаниуæгджын, ныфс мæ ис, ацы  раунды фæстæ, Эргнеты  инциденттæ  маруадзыны   къорды  фембæлдыл, бирæ  хъуыддагджындæр   уынаффæ уыдзæн   ахæмфарстæтыл, цахæм дæр сты  Чорчанайы  темæ,  кæнæ  ацы афонмæ  æхгæд  ахизæн пункттæ.  Иу афæдзы размæ  Цхинвалмæ визиты рæстæджы  растдæр ацы темæтыл  сарызтам акцент. Не рдгæй  мах дарддæр кæнæм  æмæ  архайæм  ацы  фарстаты  фылдæр активаци  скæнын æмæ  размæ рахæцын. Ныфс дарын цæмæй  конкретон фæстиуджытæ нын уыдзæн» – райхъусын кодта Тоиво Клаар.

12-13 октябры Женевæйы æхсæнадæмон  бадзырдты 54-æм  раунд  цæуы.  Бадзырдтæ цæуынц  Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы  Федерацийы æхсæн, ИНО-ы, OSCE-ы æмсæрдæртты æмæ   АИШ-ы минæвæртты  хайадæй.