Тель-Авивы мэр - Адæймагдзинад кæцыфæнды конфликтæй бæрзонддæр лæууы, æмæ нæ зæрдæтæ абон ливайнаг адæмимæ сты ацы æбуалгъ катастрофæйы фæстæ
Адæймагдзинад цыфæнды конфликтæй бæрзонддæр лæууы – ахæм фидиуæн аразы Тель-Авивы мэр Рон Хулдайи Ливаны сахары айтынггонд фæзындты фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Ливан æмæ Израиль техниконæй фæстæмæ хæстон уавæры сты. Фæлæ æнæкæсгæ уымæ, Рон Хульдайи уынаффæйæ, Тель-Авивы мэрийы бæстыхай, Ливаны тырысайы хуызтæй срухс ис.
«Адæймагдзинад кæцыфæнды конфликтæй бæрзонддæр лæууы, æмæ нæ зæрдæтæ абон ливайнаг адæмимæ сты ацы æбуалгъ катастрофæйы фæстæ, кæцы уыдоны æрыййæфта», – фыссы сахары мэр «Твиттеры».
Фæнысанкæнинаг у, цæмæй Израиль, ИНО-йы фæрцы, Ливанæн гуманитарон æххуыс дæр банхъарыд.
2006 азы Израиль æмæ Ливаны шиитон змæлд «Хесболайы» æхсæн иумæййон конфликты амæттаг фесты 1200-йæ фылдæр ливайнаг, кæцыты фылдæр сабырадон æмбæстæгтæ уыдысты. Израилы æрдгæй та чи фæхъуыд, уыдоны нымæц уыд 160, æмæ сæ фылдæр æфсæддæттæ уыдысты.