«Радио Сæрибардзинады»  хъусинагæй,  Украинайы хæст райдаынæй  фыццаг хатт, Сомихыстон Киевмæ  гуманитарон æххуыс арвыста
«Радио Сæрибардзинады» хъусинагæй, Украинайы хæст райдаынæй фыццаг хатт, Сомихыстон Киевмæ гуманитарон æххуыс арвыста

«Радио  Сæрибардзинады»  сомихагæвзагон бюройы хъусинагæй,   Сомихыстон Украинамæ  хæст райдаынæй  фыццаг арвыста  Киевæн гуманитарон æххуыс.  Цы хуызы æххуысыл дзырдæуы  æмæ кæцы  уагдон   арвыста  уый Украинамæ  информаци бæрæг нæу.

Бæрæгдзырдæн  абон Киевы райдаы æрвылазон саммит, кæцыйы  организатор  Украинайы фыццаг леди  у  æмæ уым хайад райсдзысты æндæр æмæ æндæр бæстæты лидерты къæйттæ, сæ нымæцы уыдзæн  Сомихыстоны фыццаг леди  Ана Акопян.

Саммиты хайадисджытæм дзырдæй раздæхдзæн Украинайы президент Володимир Зеленски. Саммиты  афтæдæр  хайад исдзысты  Стыр Британийы, Японийы, Туркы, Испанийы, Чехы, Израилы æмæ æндæр бæстæты  фыццаг уæнгты  бинойнæгтæ.  Афтæма Евроцæдисы  бæрзонд рангы гæстæ сылгоймæгтæ, номдзыд журналисттæ æмæ артисттæ.