АИШ æмæ Ервопæйы бæстæтæ сæрмагонд æмбæстæгтæм сидынц Ливанæй рацæуынмæ æмæ Ливанмæ балцæй хифæуромынмæ
АИШ æмæ Ервопæйы бæстæтæ сæрмагонд æмбæстæгтæм сидынц Ливанæй рацæуынмæ æмæ Ливанмæ балцæй хифæуромынмæ

 

Медиайы информацийæ, АИШ-ы æмæ Европæйы бæстæтæ, сæ æмбæстæгтæм сидынц  Ливанæй рацæуынмæ æмæ Ливанмæ балцæй  хифæуромынмæ.

Фарцн йæ æмбæстæгтæм æрсидтис æдасдзинады мадзæлтты тыххæй ма абалц кæной Ливанмæ, сæрмагондæй та  йæ  хуссар  хаймæ.   Цъус рæстæг размæ, АИШ Ливаны  уæвæг йæ æмбæстæгтæм  æрсидтис бæстæ ныууадзынмæ, цалынмæ æмбæстагон  авиарейстæ цæуынц æххæст уæдмæ.

Ливанмæ балцæй  хифæуромынмæ  æрсидтис  йæ æмбæстæгтæм  Иугонд Паддзахад дæр.

«Ливаны уæвæг   Британийы  æмбæстæгтæ хъуамæ æркæсой  Ливаны  баззайыны  хъæуындзинад æмæ ныууадзой   коммерцион фæрæзтæй, цалынмæ  уый гæнæн ис  уæдмæ» – дзырдæуы  Иугонд Паддзахады  æддагон уандоны аæлиугонд фидиуæны.

Æмбæсæгты  фæдзæхсынц афтæдæр Канадæйы, Испанийы, германийы ææм Австралийы  фæсарæн хъуыддæгты министрадтæ.

Бакой уын кæндзыстæм, Ливаны архайæг  кхорд  «Хезбола»  райхъусын кодта   «Мæстыдзинады боны» тыххæй, ивгъуыд æхсæв Газæйы  рынчындоныл  æрхаугæ  ракетæ  500-йæ фылдæр  адæймагы  куы амардта  уый фæстæ.