Минæвар Гиорги Джанджгъава – ахицæн кодтам  стихийы зонæмæ ацæуын
Минæвар Гиорги Джанджгъава – ахицæн кодтам стихийы зонæмæ ацæуын

Турчы  Гуырдзыстоны минæвар  Гиорги Джанджгъава  горæт Адиаманмæ араст уыдзæнæ мæ гуманитарон  æххуыс  нылласдзæн.

Минæвар куыд  хъусын кæны афтæмæй,   зæххæнкъуысты зонæйæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгты раласдзысты.

«Баххуыс æнæуый дæр баххуыс  кодтам  бирæ æмбæстагæн, Гуырдзыстонмæ  ацæуыны, кæнæ  Анкарамæ  ахизынæн, Стамбулмæ æмæ  Турчы æндæр  районтæм.  Курæг уæ стæм,  æмбæстæгтæм æмæ сæ  хæстæджытæм,   радзурут нæм  тæвд хаххмæ, сæрмагондæй мæнмæ æмæ нæ кусджытæм, цæмæй  хайад райсæм  уæ  æдасæй аласыны,  бæстæйы  æндæр регионтæм», – райхъусын кодта  Турчы  Гуырдзыстоны  минæвар.

Ацы рæстæгмæ Турчы  фидар зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвæг  Гуырдзыстоны фондз æмбæстагы  мардыбуар ссардтой.

Турчы æмæ Сирйиы  куынæггæнæг зæххæнкъуыст, 6 февралы æрцыд. Фæстаг бæрæггæнæнтæй,   зæххæнкъуысты фæстиуæгæн амард 24 минæй фылдæр адæймаг.