45 бинонтæ эвакуацигонд æрцыдысты Курсебийы хъæуы зæххы лæбырдты зонæйæ
45 бинонтæ эвакуацигонд æрцыдысты Курсебийы хъæуы зæххы лæбырдты зонæйæ

Тхъибулы муниципалитеты Курсебы хъæуы зæххы лæбырдты зонæйæ ноджы авд бинонтæ эвакуацигонд æрцыдысты. Уый фæдыл Тхъибулы муниципалитеты мэр, Давид Кублашвили расидтис.

Кублашвилийы ныхасмæ гæсгæ, ацы рæстæгмæ стихийы зонæйæ æнæхъæнæй 45 бинонтæ эвакуацигонд æрцыдысты.

Цæрджытæ ныридæгæн эвакуацигонд æрцыдысты уыцы ранæй, цыран зæххы лæбырдтытæ сырæзтысты æмæ бинонтæ уыцы ран нал сты.

Курсебы хъæуы зæххы лæбырдтыты рæзты тыххæй, Кутаис-Тхъибулы фæндагыл тобæгонд у алы транспорты змæлд.

Алфæмблайы националон агентады информацийæ, стихийы бынатыл ис геологты æртæ къорды, цæмæй сбæрæг кæной стихийы аххосæгтæ.

Уымæй  уæлдай ма,  Уæлвæткон  уавæрты  фæткы  куысты  информацийæ,  бынатмæ мобилизацигонд сты  мидхъуыдтæгты  министрады  æндæр æмæ æндæр дæлхайæдты минæвæрттæ, афтæ дæр  æмбæлон техникæ. Зынгхуыссынгæнджытæ активонæй æххæст кæнынц куыст.