Теймураз Купатадзейы фидиуæнæй, бæстæйы масштабæй цæугæ мадзалы фæстиуæгæн, тæрхондоны уынаффæйы бындурыл ахст сты 20-æй фылдæр наркореализатор
Патрулон пъæлицæйы департаменты директоры, Теймураз Купатадзейы фидиуæнæй, бæстæйы масштабæй цæуы пъæлицæйон мадзал æмæ тæрхондоны уынаффæйы бындурыл ахст сты 20-æй фылдæр наркореализатор.
Афтæма йæ информацийæ, Поничъалайы ахст сты æхсæз реализаторы.
«Æндæр æмæ æндæр стыр горæтты дарддæр кæнынц мадзæлттæ æмæ боны кæронмæ æрцахствæвджыты нымæц райрæздзæнис. Ист сты æндæр æмæ æндæр наркотикон фæрæзтæ, стыр нымæцæй æмæ сæрмагонд стыр нымæцæй наркобуарадтæ. Наркореализатортимæ бæрæг периоды дæргъы цыдис куыст, развæлгъау сæххæст цалдæр контролон балхæд, кæцы æвдыст у аудио æмæ видео æрмæджытæй. Æрцахстуæвджыты нымæцы сты куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ, æнахъомтæ ацы этапыл æрцахстуæвджыты æхсæн нæй. Кæддæриддæр куыд вæйы, афтæ ныр дæр хъуыддаджы фигуранттæ сты фæсарæйнаг æмбæстæгтæ. Хъуыддагыл цæуы фæдагуырд», – райхъусын кодта Теймураз Купатадзе.