Тбилисы, Кутаисы, Батумы æмæ Руставы снысан уыдзæн специалон транспорт, кæцы æмбæстæгты ласдзæн вакцинацийы центртæм
Сæрмагондæй стыр горæтты, Тбилисы, Кутаисы, Батумы, Руставы снысан уыдзæн специалон транспорт кæцы æмбæстæгты ласдзæнис вакцинацийы пункттæм, – уый фæдыл райхъусын кодта низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг, Амиран Гамхърелидзе.
«Республикаг рынчындон æмæ уыимæ аффелиргонд медицинон университеты стыр тыгъдад, боны мидæг вакцинæ аразынц 4500 адæймагæн. Уый у Тбилисы æппæт вакцинацийы 30 проценты бæрц, уый тыххæй дæр республикаг рынчындонмæ горæты æндæр æмæ æндæр рæттæй, снысан уыдзæн специалон автоубстæ, – фæцæуын вакцинацимæ, ауыл кусы координацион штаб. Афтæдæр снысан уыдзæн техникон университеты æрдæм. Инфекцион рынчындоны территорийыл тынг стыр бæрцæй цæуы вакцинаци, инфекцион рынчындоны Бочъоришвилийы рынчындоны, афтæдæр уыдзæн транспорт уырдæм. Снысан уыдзæн автобус Хуалингы центрмæ, кæцы 1700 вакцина аразы боны дæргъы. Афтæдæр Кавказы медицинæйы центры æмæ Бокериайы клиникæмæ. Мах раттам локациты номхыгъдтæ штабмæ, кæцыйы ранымад сты Тбилисы, Батумы, Кутаисы æмæ Руставы сæйраг локацитæ, æрмæст уым, цыран поликлиникæтæ сты хæстæг, уæ бон у фистæгæй дæр абцæуат», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.