Тбилисы Гранд Слем | гуырдзиагæты рекордон фараст майдан  æмæ къордон фыццаг бынат #1TVSPORT
Тбилисы Гранд Слем | гуырдзиагæты рекордон фараст майдан æмæ къордон фыццаг бынат #1TVSPORT

Тбилисы ацæугæ   Гранд Слемыл,  кæцы  26-28 марты  цыдис, Гуырдзыстоны æмбырдгонд ацы категорийы   турнирыл  рекордон, фараст майдан рамбылдта.

Нæ бал  нæлгоймæгты æмæ  сылгоймæгты бахыгъдæй фыццаг  бынат  бацахста.  Тбилисы Гранд Слемы æртæ дæр ерысы  бон, трибунæтæй  Гуырдзыстоны  дзюдойы   федерацийы   президент  Гиорги Атабегашвилиимæ иумæ  дзюдойы æхсæнадæмон   федерацийы  президент  Мариус  Визер   кастис, кæцы нæ  сæйраг  горæты ацæугæ  турнирæн бæрзонд аргъ скодта.

Гуырдзыстоны  æмбырдгонд Гранд Слемы  23 лæгæй æмæ  авд сылгоймаг дзюдоистæй рацыд, кæцытæй  фараст  спортсмен  рамбылдтой майдантæ.   Нæ  балы  хыгъдыл  ис  дыууæ сыгъзæрин, æртæ æвзист  æмæ цыппар бронзæ.