Тбилисы цыппар аздзыд чызджы мæлæты фактыл МХМ официалон информаци хæлиу кæны
Тбилисы 2014 азы гуырд чызджы адзалы фактыл фæдагуырд тугтæрхоны барады кодексы 116-æм статийæ райдыдта, кæцы йæ хъуыдыйы дары нæхизгæйæ марындзинад – уый фæдыл банысангонд у мидхъуыддæгты министрады информацийы.
«Фæдæвзарыны фæлгæтты ахст у æнахъомы мад, тугтæрхоны барады кодексы 381-аг прима статийæ, кæцы уромæг кæнæ иргъæвæг ордерæй нымад æркуырдты æмæ хæсисты æнæсæххæст дары йæ хъуыдыйы.
Ацы цауы онг мидхъуыддæгты министрадмæ, фæмардуæвæг сывæллоны æрдæм бинонты мидæг гæнæн тыхмийы факты фæдыл хъусинаг иу хатт, 6 январы бацыд. Физикъон тыхмидзинады гæнæн фактыл тугтæрхоны барады кодексы 126-æм прима 2-аг статийы «А» дæлпунктæй райдыдта фæдагуырд . Хъусинагы бындурыл бинонтæм бацæугæ патрулон полицийы кусджытæ æнæаргæъвгæйæ æрцахстой æнахъомы мады Л.К.-йы.
Йæхæдæг æнахъомы та, полици фæхæццæ кодта рынчындонмæ æмæ æрцæугæйы фæдыл фехъусын кодта социалон куыстæн.
ХЪуыддаджы тыхæй рафарстой зылынмæ лæвæрды æмæ æнæиу æвдисæны, сæ нымæцы бинонты уæнгты, хъусинагы инициаторы æмæ полицийы кусджыты. Рафарст æвдисæнтæ нæзагъд ракодтой сывæллоны æрдæм мады æрдгæй искæцы формæйæ тыхмидзинады фæдыл. Бинонты уæнгты фидиуæнæй, сывæллоны уæвæг зиæнттæ, йæ гиперактивон миты фæд сты зæгъгæ.
Аххосаг бавдысты бæлвырдгæнæг стандарты нæуæвынмæ æнæкæсгæ, йе рдæм полици рафыста уромæн ордер, кæцымæ гæсгæ дæр мадæн фæтобæ ис æнахъомимæ контакт.
22 январы æрцæугæ факты фæстæ Л.К. ордер сæттыны тыххæй полици тугтæрхоны барады æгъауæй æрцахста.
Мидхъуыддæгты министрады, генералон инспекцийы æрдгæй параллелонæй радйдыта ахуыр кæнын æмæ кусæн асгæрст, кæцы рабæрæг кæндзæн цыдис æви нæ эффектджынæй уромæг ордеры мониторинг.
Æнахъомы адзалы бæлвырд аххос базоныны нысанæй, уагъд цæуынц фæдæвзарæн мадзæлттæ, снысан ис тæрхонон-медицинон экспертизæ”»- дзырдæуы МХМ-ы ахæлиугонд информацийы.