Тбилисы  цæрджытæн, хъæууон-хæдзарадон куыстыты тыххæй, 29 апрелæй  горæтæй  ацæуын  06:00-08:00 сахаты онг, æрмæст æрыздæхын сæ бон уыдзæн 18:00-19:00 сахаты онг специалон рпопускы  фæрцы
Тбилисы цæрджытæн, хъæууон-хæдзарадон куыстыты тыххæй, 29 апрелæй горæтæй ацæуын 06:00-08:00 сахаты онг, æрмæст æрыздæхын сæ бон уыдзæн 18:00-19:00 сахаты онг специалон рпопускы фæрцы

29 апрелæй горæт Тбилисы  цæрæг æмбæстæгтæн,  хъæууон-хæдзарадон  куыстытæ тыххæй,   горæтæй   ацæуын  сæумæрайсомы  06:00-08:00 сахаты онг, æрмæст горæтмæ  æрыздæхын изæры 18:00-19:00 сахаты онг уыдзæн сæ бон. Æрдзы  хъахъхъæды æмæ   хъæууон хæдзарады  министрадæй лæвæрд  пропускы  фæрцы –  уый ф æдыл  банысангонд у  куырдиаты,   кæцыйы  æрдзы  хъахъхъæды   æмæ  хъæууон хæдзарады  министрад  ахæлиу  кодта.

Министрады  хъусинагæй   барлæвæрд райсты  формæ,  æвæрд æрцæудзæн  æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады   министрады  веб-фарсыл – www.mepa.gov.ge .

Уагдоны хъусинагы  банысангонд у, цæмæй    æмбæстаг   фæнысангонд  форма/куырдиат  хъуамæ  баххæст кæна  горæтæй  рацæуыны агъоммæ   12  сахат раздæр.

«Æрбацæугæ  куырдиатыл æнцойæ,   министрад  ратдзæн  пропуск  электронон  кæнæ  материалон   формæйæ (хъæугæ цауы,   иухаттон кæнæ  бирæхаттон).  Æппæрццаг дзуаппы  цауы,   куырдиатдæттæгæн фехъусын кæндзысты   электрононæй.

Хъæууон хæдзарадон куыстыты нысанæй,  Батумæй, Руставæй æмæ Кутаисæй   рацыд –баздæхты   пропуск  райсынæн,  æмбæстæгтæ  хъуамæ   фехъусын кæной   регионон штаьбтæн.  Уæлæмхас  информацийы тыххæй,   адзурут   144-ы  тæвд  хаххмæ (регионмæ  гæсгæйæ   тæвд  хаххмæ  адзурынæн  ныххæцут  2)» – дзырдæуы   æрдзы  хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады  министрады  информацийы.