Уæлрадон уавæры  адарддæр кæныны  фарстайыл парламенты  22 апрелы  фæуынаффæ кæндзысты
Уæлрадон уавæры адарддæр кæныны фарстайыл парламенты 22 апрелы фæуынаффæ кæндзысты

Гуырдзыстоны  парламенты  уæлрадон рабадт  ацæудзæн 22  апрелы.  Депутаттæ   Уæлвæтк  уавæры  æмгъуыд  адарддæр кæныны  фарстайыл  тæрхон кæндзысты.  Фæлæ   уæдмæ, ацы  фарстайыл,   президент   приемьер-министры  бавдыстæй  декрет  хъуамæ  рауадза.

Уынаффæ   йæ   тыхмæ  бахиздзæн  куыддæр йыл  къух  бафыст уыдзæн, афтæмæй, æмæ  тыхсастыл   нымад æрцæудзæн  æрмæст дæр уыцы  цауы,  кæд æмæ закъондæттæг   оргæн   æркасты фæстæ  номхыгъдты  фылдæрæй   уыйимæ не  сразы  уыдзæн  æмæ   фæнысангонд фарста  фæкъуыхцы уыдзæн.

Парламенты   хъæлæскæнынады онг,  уæлрадон   уавæр æппæт  бæстæйы  масштабæй    президенты  декретæй  адарддæр уыдзæн.

Æрцæудзæн æви нæ  хаст ивддзинæдтæ  уæлрадон уавæры  фæлгæтты  пъланкгонд  уыцы  нормæтæм, кæцы бæстæйы  абон архайынц,  уый бæрæг  суыдзæн президенты декреты  публикацийы  фæстæ.