Пъæлицæй  уæлрадон уавæр  режим халыны  107  ног факт   рабæрæг кодта
Пъæлицæй уæлрадон уавæр режим халыны 107 ног факт рабæрæг кодта

Мидхъуыддæгты  министрады информацийæ,  фæстаг 24  сахаты дæргъы   мониторингы  фæстиуæгæн, æппæт бæстæйы  масштабæй,  уæлрадон уавæры  режим  æмæ  а.х.  коменданты сахаты арæнæвæрдтæ халыны  107 ног    факт  фæбæрæг ис.

Уагдоны  хъусинагæй,  пъæлицæй   4  майы   21:00  сахатæй  5 майы   сæумæрайсомы  06:00 сахаты онг, а.х.  коменданты  сахаты   халыны  фактыл   бæстæйы  масштабæй,  86 æмбæстагы  фæивар кодта.

Уымæй  уæлдай ма,   мидхъуыддæгты  министрады кусджытæ,   æхсæнадон тыгъдады   æртæйæ  фылдæр   уæнгы  æмбырды   арæнæвæрды æмæ   дыууæ метры  бæрц социалон дистанци æнæхъахъхъæды тыххæй   æмтгæй райсгæйæ  16  æмбæстагы  фæивар кодтой.

Пъæлицæй низты контролы националон центримæ  иумæ  дарддæр кæнынц   хæдизоляцийы  уæвæг æмбæстæгты   карз  контрол кæнын.   Иумæйаг   мониторингы  фæстиуæгæн, хæдизоляцийы фæкт  халыны   иу ног  факт  рабæрæг ис.

Бæлццæтты ласыны  æмæ  хæдтулгæйæ  змæлды   уаг халыны фактыл  ноджы  цыппар  уæнгы фæивар кодтой.

Уæлрадон уавæры  режимы халын, æфхæрд цæуы администрацион бæрнæй, –  физикъон уæнг  фæивар вæййы  3 000   ларийæ,  æрмæст юридикъон та – 15 000.