Тбилис фысым кæны Евронесты парламентон ассамблейы радæй 8-æм æрвылазон сессийæн
8-10 декабры Тбилис фысым кæны Евронесты парламентон ассамблейы радæй 8-æм æрвылазон сессийæн – «Скæсæн партнерады фидæны цæстæнгас».
Парламентон ассамблейы куысты хайад райсдзысты Европарламенты æмæ скæсæн партнерады бæстæты парламентты уæнгтæ.
Сессийы фæлгæтты фæуынаффæ кæндзысты энергоæдасдзинады, Скæсæн партнерады фидæны цæстæнгасы æмæ геополитикъон быцæусидтыты, афтæма Евроцæдис æмæ Скæсæн Партнерады бæстæты æхсæн æмкуысткæнынады æндæр æмæ æндæр актуалон фарстатыл.
Сесси куыстмæ æрывналдзæн 9 декабры æмæ йæ арфæйы ныхасæй байгом кæндзæн Гуырдызстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе. Æрымбырдуæвджыты раз ралæудзысты Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, Европарламенты вице-президент Кълара Добрев, Евронесты парламентон ассамблейы æмсæрдæрттæ, европарламентартæ – Андриус Кубилиус æмæ Иван Крулко.
Ассамблей экономикон интеграцийы, социалон-политикъон æмæ энергоæдасдзинады фарстатыл резолюцитæ райсдзæн.
Ассамблей Тбилисы кусын 10 декабры, ассамблейы вице-президентты – Андриус Кубилиусы æмæ Иван Крулкойы иумæйаг пресс-конференцийæ фæуыдзæн.