Саломэ Зурабишвили – Цæмæй Евроцæдисы уæнг суæвын æрмæст фæндонæй æмæ бæллиццæй ма баззайа, мах хъуамæ хъуыды кæнæм ног идеятæй, ног инструменттæй

16:24, 09.12.2019

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили   Евронесты  парламентон ассамблейы   радæй  8-æм  æрвылазон  сессийы  «Скæсæн  Партнерады  фидæны  æнхъæлц» хайадисджытæм дзырдæй  баздæхт.

Саломэ Зурабишвили  журналисттæн куыд  загъта,  афтæмæй,   нысаниуæгджын  у   абоны  бон,  уымæн æмæ   Евронесты  парламентон ассамблейы  сессийæн Тбилис фыццаг хатт   фысым кæны.

Зурабишвилийы  дзырдæй, мадзалыл   Гуырдзыстоны  Евроцæдисы уæнгсуæвыны  фарстайыл фæныхас кодта.

«Евронест  фыццаг хатт цæуы   Гуырдзыстоны, цæй  тыххæй  дæр   абоны   бон у иттæг нысаниуæгджын. Пленарон  сессийы  уыцы афон ауадзын,  Партнерады  10 азы  сæр куы бæрæгбон кæнæм,  Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны  иуимæйаг  æнтыстытæ,  Европарламенты  уæнгты ардæм  визит [60 бæстæйы минæвар уæвы Гуырдзыстоны],  нæ партнер бæстæты  минæвæртты  уæвын иттæг нысаниуæгджын у.  Мах хъуамæ  ахъуыды кæнæм  абон,  цахæм хъуамæ  уа  нæ  хæстæг фидæн. Æз загътон,  цæмæй  уый æнхъæл нæ дæн æмæ  мах  ноджы  10  азы  æнхъæлмæ кæсдзыстæм  Евроцæдисы  уæнг суæвынмæ æмæ интеграцимæ,  конституцийы  куыд ис  фыст афтæ.  Фæлæ  уый  тыххæй, цæмæй   ай  æрмæст  фæндон ма уа, хъуамæ  æрхъуыды  кæнæм ног идеятæй,  ног инструменттæй. Раст ай  у  фембæлды  нысан  æмæ  стæй та  мах алкæй дæр иумæйаг куыст ацы  æрдæм», –  райхъусын кодта  Саломэ Зурабишвили.

 

Хуыздæр