Евронесты парламентон  ассамблей, Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы Евроцæдисы уæнгсуæвыны фарсхæцæг  резолюци райста
Евронесты парламентон ассамблей, Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы Евроцæдисы уæнгсуæвыны фарсхæцæг резолюци райста

Евронесты парламентон ассамблей  Молдовæйы уагъд  сессийыл   Гуырдзыстоны, Украина æмæ Молдовæйы  Евроцæдисы  уæнгсуæвыны,  фарсдарыны фæдыл  резолюци райста.

Ассамблей  райы  Еврокомиссийы  2022  азы 23  июны,  ист историон   уынаффæйæ, Украина æмæ Молдовæйæн Евроцæдисы кандидат бæстæты  статус  раттыны  фæдыл  æмæ  хаххгонд  банысангонд у, цæмæй æртæдæр  бæстæ сты  Евроцæдисы ауæрæхы  политикæйы  хай.

Евронесты  парламентон ассамблей сиды  Уæрæсейы  Федерацимæ, æнæаргъæвгæйæ банцайын кæна æфсæддон  архæйдтытæ  Украинайы æмæ скад кæнæт  Гуырдзыстоны, Украина æмæ Молдовæйы  территорион æнæхъæндзинадæн, кæцы  асхджиаг  у Европаг   æдасдзинад сфидар кæнынæн.

«Абон  хурыскæсæн  партнерады регионы  ног реалондзинад ис. Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ  Украинайæн  ис  Евроцæдисы уæнгсуæвыны   перспективæ  æмæ  нысаниуæгджын  у архайадон  къахдзæфтæ саразын æртæдæр  бæстæйы   Евроцæдисы  уæнгсуæвыны нысанæн.  Растдæр уый тыххæй   парламентон  ассамблей  дырыс хъуамæ  рахæца йæ фарс ацы процессæн   æмæ Гуырдзыстон, Молодовæ æмæ  Украинайы  Евроцæдисы уæнгсуæвынæн», – райхъусын  кодта  Европæимæ интеграцийы комитеты сæрдар Мака Бочъоришвили    резолюцийы  проекты  бавдисыны рæстæджы.

Евронесты парламентон  ассамблей  нымадмæ исы  уыцы   хайбавæрд, кæцыйы  Гуырдзыстоны, Украинайы æмæ Молдовæйы   Республикæйы Евроцæдисы  иумæйаг æдасдзинады  æмæ  дзæбæхдзинады  æрдгæй  хæссынц  æмæ  хахх кæны  æртæдæр бæстæйы Евроцæдисмæ интеграцийы нысаниуæг  регионы стабилондзинады æмæ æдасдзинад сифтонг кæнынæн, сиды  Евроцæдисы  уæнг паддзахадтæм, сæ къух раттæт  Евроцæдисы ауæрæхы  процессæн  æмæ  саразæт   конкретон   къахдзæфтæ  ацы æрдæмадæй.

Евронесты  парламентон ассамблей  2023  азы 19-21  февралы  Кишиневы  ацыд, кæцыйы  европарламенты уæнгтимæ иумæ, Азербайджаны, Молдовæйы, Гуырдзыстоны, Сомихыстоны æмæ Украинайы  парламенты уæнгтæ истой хайад.

Гуырдзыстоны  парламентæй  асамблейы куысты хайад истой,  делегацийы къухдариуæггæнæг  Мака Бочъоришвили, депутаттæ –  Михеил Сарджвеладзе, Майя Битадзе, Леван Карумидзе, Гиорги Хелашвили  æмæ Гиорги Вашадзе.

Информаци  публикаци кæны  Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст.