Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, сæйраг сахар æмæ регионты æххæст цæуы полицион контрол. Уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй йæ нысан у фыдракæнды превенци.
МХМ-ы хъусинагæй, полицион контрол арæх йæ хъуыдыйы дары уæлæнгай асгæрст.
«Полицийы фæдыл Гуырдзыстоны закъоны 24 статийы быгдурыл, МХМ превенцийы нысанæй райдыдта полицион контролы æххæст кæнын Гуырдзыстоны алы реионы, уый нымæцы Тбилисы дæр.
Ацы этапыл, наркотикты æнæхакъонон балхæд-бавæрыны аххсоагæй ахст сты 6 уæнгы, афтæдæр ахст æрцыдысты 2 агуырды уæвæг уæнг, ист у æндæр æмæ æндæр хуызы наркотикон фæрæзтæ. Барвæндонæй лæвæрд æрцыд æхсæнгарз, 12 гранатæ, 12 капсулæ-детонатор æмæ 1124 хæцæн нæмыг. Рабæрæг ис администрацион барадсасты 17 факт, сæрмагондæй та цыргъагы æнæзакъононæй хæссын.
22 декабры сæумæрайсомы 8 сахатæй, тæрхондоны æмбæлон уынаффæйы бындурыл, мидхъуыддæгты министрады централон криминалон полицийы департаменты æмæ территорион хайадты кусджытæ, фыдракæнды превенцийы нысанæй, Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр регионты оперативон-агурæн мадзæлттæ ауагъдтой. Ахсты æрцыдысты 10 гоймагы, уыдонæй 6 ивгъуыды тæрхонмæ лæвæрд уыдысты.
Плицион кантрол арæх цауты йæ хъуыдыйы дары уæлæнгай асгæрст æмæ дзыллæйы æдасдзинады æмæ фæткъæвæрды бахъахъъхæнын» – хъусын кæнынц МХМ-ы.