уПъæлицæйагмæ бырсты æмæ дзаума базиан кæныны фактыл зылынмæ лæвæрд Лазаре Григориадисы ныхмæ æфхæрды мадзалæй тæрхонгонд ахсты фæдыл уынаффæ тæрхондон йæ тыхы ныууагъдта. Тæрхонгæнæг не сразы ис иргъæвæг фарсы æркуырдимæ 20 000 ларийы бæрц цъынды стæрхон кæныны фæдыл.
Рабадтыл иргъæвæг фарсахсты цъындыйæ фæивын куырдта, уый бакомкоммæ æркуырд уыд прокуррормæ, кæцы Лазаре Григориадисы ахсты ныууадзын куырдта.
Лазаре Григориадис рабадтыл банысан кодта, цæмæй бамбæхсын нæ хъавыд. «Бамбæхсыны фæндон мæм куы уыдаит, иу мæймæ бамбæхстаин. Уыцы дарæсы кондæй мæ æрцахстой, кæцыйы конд уыдтæн акцийыл æмæ йæ не скуынæг кодтон», – банысан кодта зылынмæ лæвæрд.
Тæрхондон рабадты параллелонæй Лазаре Григориадисы ссæрибар кæныны æркуырдæй. Протестон акци цыдис. Акцийыл уыдысты активисттæ æмæ политиктæ.
Руставелийы проспектыл 7, 8, 9 марты уагъд акцитыл пъæлицæйæгтæм бырсты æмæ дзаумæ базиан кæныны факттыл зылынмæ лæвæрд Лазаре Григориадис, протестон акцийыл пъæлицæйы кусджытыл дуртæ æмæ а.х. молотовы коктейльтæ фехста, кæцыйы фæстиуæгæн зиæнттæ райстой барадхъахъхъæнджытæ. Фæдагуырды хъусинагæй, зылынмæ лæвæрд арт бафтыдта мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд хæдтулгæйыл.