Иракли Гъарибашвили – пъæлицæймæ  лæбурд никæмæн фæбардзыстæм
Иракли Гъарибашвили – пъæлицæймæ лæбурд никæмæн фæбардзыстæм

Пъæлицæймæ  лæбурд  никæмæ фæбардзыстæм. Уый  нæйрасгæ  у, уый у  сырх  хахх,  кæцыйы мах   уыдзыстæм æнæкомпромисс,  – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Ирклий Гъарибашвили  7-9 марты уагъд акцийы  пъæлицæймæ лæбурды  æмæ  дзаума базиан кæныны фактыл зылынмæ лæвæрд Лазаре Григориадисы тыххæй, хицауады абоны  рабадтыл райхъусын кодта.

Премьер-министры дзырдæй,   зæгъгæ,  деградацигонд, экстремистон оппозицийы нæ фæнды, цæмæй бæстæйы  уа  бæрзонд  экономикон рæзынад, сабырдзинад, стабилондзинад æмæ  алцыппæт аразы, цæмæй  ауæлдай кæна  сæрмагонд бæстæ, адæмы æдасдзинад.

«Фæнды мæ алкæмæн зæгъын тынг  дырыс.  Нæ  хицауад   хъæддых æмæ   æнæцудгæйæ  лæууы.   Хъахъхъæнæм  сабырдзинад, стабилондзинад, бæрзонд  экономикон   рæзт æмæ ацы фæндагыл  нын нæ  ныхмæ ничи слæудзæн.  Уый мæ фæнды  зæгъын алкæмæн.  Нæ  националон интерестæ  ауылты  цæуынц  æмæ уый у нæ адæмы, бæстæйы интерестæ æмæ  кæй зæгъын æй хъæуы,   ацы  тохы  компромисстæ  нæ бауадздзыстæм.  Кæй зæгъын æй хæъуы. категорионæй   нæрайсгæ у  цы  æрцыд уый. Æфхæрд хъуамæ æрцæуа алчи, чидæриддæр аххосджын у  æмæ  кæйдæриддæр раргом кодтам  пъæлицæймæ  бырсты хъуыддаджы», – загъта Иракли Гъарибашвили.

Бæрæгдзырдæн, Руставелийы  проспектыл  7,8 æмæ  9 марты  ацæугæ акцитыл, пъæлицæймæ бырсты æмæ дзаумæ базиан кæныны факттыл   зылынмæ лæвæрд  Лазаре Григориадисæн  æфхæрды хуызæй  ахст стæрхон кодтой.  Фæдагуырды  информацийæ,  21 аздзыд  Лазаре  Григориадис  протестон  акцийы пъæлицæйы  кусджытыл дуртæ  æм а.х. молотовы коктейльтæ æхста,  кæцыйы фæстиуæгæн,  зиæнттæ райстой  барадхъахъхъæнджытæ.  Фæдагуырды  хъусинагæй,   зылынмæ лæвæрд  арт абфтыдта  мидхъуыддæгты министрады  сæрмагонд  хæдтулгæйыл.