Стыр Британийы  генштабы хистæр -  Не фсад хъуамæ бацæттæ уа Европæйы  хæцынмæ
Стыр Британийы генштабы хистæр - Не фсад хъуамæ бацæттæ уа Европæйы хæцынмæ

Не фсад хъуамæ  цæттæ у  Европæйы  хæцынмæ – «Скай Ньюсы»  информацийæ,  фæнысангонды тыххæй, Стыр Британийы  генералон штабы  хистæр, Патрик Сандерс  Британийы гарзджын тыхты  раз  дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

«Ныр ис  тынг карз императив, ома  сырæзæт æфсад,  кæцыйæн  йæ  бон у  хæцын  нæ æмцæдисонтимæ иумæ æмæ хæсты  басæттын Уæрæсейы.  Мах стæм уыцы  фæлтæр, кæцы  æфсад хъуамæ бацæттæ кæна Европæйы   хæцынмæ», –   райхъусын кодта инæлар.

Инæлар Сандерс, генштабы  къухдариуæггæнæгы  постыл  Марк  Карлетон Смиты фæивдта   ивгъуыд  къуырисæры.

«Уæрæсейы бырст  Украинамæ  хахх кæны нæ  фыццаг  нысан , бахъахъхъæнæм  Иугонд Паддзахад, цæттæ уæм  хæцынмæ æмæ  фæуæлахиз уæм сурзæххыл хæсты», – райхъусын кодта Сандерс.

Ивгъуыд бон, Британийы премьер Борис Джонсон  райхъусын кодта, ома  Европæ хъуамæ бацæттæ уа  дæргъвæтин  хæстмæ, уымæн æмæ Владимир Путин  ахызт ихсийын кæныны тактикæмæ.