Стивен Даут – сидын Гуырдзыстоны хицауадмæ ныууадза йæ изоляционистон митæ æмæ бузныг зæгъын ГÆЮА -йæн гуырдзиаг адæмы фундаменталон барты хъахъхъæды нысаниуæгджын куысты тыххæй
Стивен Даут – сидын Гуырдзыстоны хицауадмæ ныууадза йæ изоляционистон митæ æмæ бузныг зæгъын ГÆЮА -йæн гуырдзиаг адæмы фундаменталон барты хъахъхъæды нысаниуæгджын куысты тыххæй

Стыр Британийы Европæйы паддзахадон министр, Стивен Даут арфæ кæны Гуырдзыстоны æвзонг юристты ассоциацийæн демократийы хъахъхъæнæджы премийы рамбулыны фæдыл, кæцыйы Стыр Британи æмæ ОSСЕ-йы авд партнер лæвæрдтой. Уый фæдыл Дауты фидиуæны ис фыст, кæцыйы Стыр Британийы минæварад Гуырдзыстоны парахат кæны.

«Арфæ кæнын Гуырдзыстоны æрыгон юристты ассоциацийæн, Иугонд Паддзахад æмæ ОSСЕ -йы авд партнеры лæвæрд демократийы хъахъхъæнæджы премийы рамбулыны фæдыл. ГÆЮА æнæмæнгхъæугæ æххуыс кæны Гуырдзыстоны адæймаджы барты хъахъхъæнджытæн æмæ æмбæстагон æхсæнады организацитæн, кæцытæ репрессивон закъондæттынады рæзгæ æндæвдады бын сты.

Мæйты дæргъы демократон фæстæмæздæхт, æнæбары ахстытæ æмæ протестгæнджыты, политикты æмæ журналистты ныхмæ æгæр тыхæй спайда кæныны фæстæ, «Гуырдзиаг бæллиц» нæ фæнд кæны европæйаг фæндагмæ æрыздæхын æмæ йæ æвзарджыты демокративон тырнындзинæдтæ бахъахъхъæнын.

«Сидын Гуырдзыстоны хицауадмæ ныууадзой сæ изоляционистон уагахаст æмæ бузныг зæгъон ГÆЮА -йæн гуырдзиаг адæмы фундаменталон барты хъахъхъæды нысаниуæгджын куысты тыххæй», – ис фыст фидиуæны.