Стихийы  зонæйы  ацы рæстæгмæ  не нтысы  контакт сфидар кæнын 35 адæймагимæ
Стихийы зонæйы ацы рæстæгмæ не нтысы контакт сфидар кæнын 35 адæймагимæ

Регионон райрæзты æмæ  инфратсруктурæйы министр, Ираклий Карселадзейы  фидиуæнæй,   стихийы  зонæйы  ацы рæстæгмæ  не нтысы  контакт  сфидар кæнын 35 адæймагимæ.

«Процесс дарддæр кæны,   бæрæг кæнæм информаци. Инфраструктурæйы æрдгæй,  техникæ  мобилизацигонд у, нырид бантыстис дыууæ  экскаваторы  æрбакæнын æмæ процесс   дарддæр  кæны  цæугæдоныл.  Дыууæ  саст хиды тыххæй  дæр бацæттæгæнæн куыстытæ  цæуынц æмæ реалонæй   куыд план кодтам  афтæ, абон  райдайдзæн  хиды  монтаж», – райхъусын кодта  Карселадзе.

Онийы муниципалитеты   стихийы  зонæйы, дыккаг бон у,  æнæаскъуынгæ режимы  цæуынц агурæн-ирвæзынгæнæн  мадзæлттæ,  кæцыты  400-ы онг   зынгхуссынгæнæг-ирвæзынгæнæг   æмæ  мидхъуыддæгты  министрады   æндæр æмæ æндæр   хайадты  кусджытæ сты баст. Абон 06:00 сахатæй  ирвæзынгæнæг   мадзæлттæм баиу ис   арæйнон пъæлицæйы  дыууæ  хæрдмæтæхæг,  бынатыл   мобилизацигонд у  æмбæлгæ  техникæ дæр.   Ирвæзынгæнæг   мадзæлтты  хайад исы уæлвæтк уавæрты  фæткдæттæг  куысты  кинологты  къорд.

Ацы рæстæгмæ  æдас бынатмæ  ракодтой ноджы 140-ы онг адæймагы.

Уæлвæтк уавæрты   фæткдар куысты  мобилон штаб  уыд арызт Онийы  муниципалитеты  хъæу  Глолайы. Шовы æрцæугæ  стихиимæ  гæсгæ   скуыста  тæвд  хахх, кæцыйы номыр у –  598 913 089.

Сыджытлæсæн Шовы  3  августы ралæбырд.