Стамбулы «Исламы Паддзахады» уæнгдзинады зæрдæхсайд 26 фæсарæйнагы æрцахстой
Стамбулы «Исламы Паддзахады»  уæнгдзинады  зæрдæхсайд  26 фæсарæйнагы  æрцахстой

Стамбулы «Исламы Паддзахады»  уæнгдзинады  зæрдæхсайд  26 фæсарæйнагы  æрцахстой. Агентад  «DHA»   куыд хъусын кæны афтæмæй, ахæсттæм ссардæуыд  террористон къорды  пропагандистон   æрмæджытæ.

Спецопераци  Стамбулы дыууæ районы  ауагътой.  Фæдæвзарæнæй куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,  ахæсттæ  уæдмæ уыдысты уыцы зонæйы,   цы ран   хæцæн  архæйдтытæ  цыдысты.

Бакой уын кæндзыстæм,  уымæй размæ, фыццаг декабры  барадхъахъъхæнджытæ æрцахстой 60  уæнгы,   кæцыты    афтæдæр Исламы Паддзахадимæ бастдзинады   азымджын кæнынц.  Ацы рæстæджы   Анкъарайы  полици, 65 хæдзары баджигул кодта,  кæцыты æнхъæлцау, АИШ-ы цæрæг   оппозиционер динамонæг  Фетулла Гюллены   фарсхæджытæ  цардысты. Тæрхондон  87  адæймаджы  ахсты ордер радæтта, фæлæ  полици  æрмæст 47  адæймагы æрцахста.