Тбилисы горæтон тæрхондон «Тыхджын Гуырдзыстоны» лидертæй иуæн, Алеко Елисашвилийæн превенцион мадзалæй ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста.
Уый фæдыл тæрхонгæнæг Мчедлишвили Тамар райста.
Елисашвили Алеко 4-æм декабры, уазæгдон «Кортярд Марриотт»-ы цур æрцахстой.
Фæдагурæн уагдоны информацимæ гæсгæ, мидхъуыдтæгты министрады ауагъд фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй 2-æм декабры, Тбилисы Къоставайы уынгыл уæвæг аптекæтæй иуы Александр Елисашвили азербайджанæгты националон конгрессы сæрдар Али Бабаевмæ æрбабырста æмæ дзыхæй æмæ физикон æгъдауæй йæ ныццавта. Уагдоны информацимæ гæсгæ, уый аххосджын кæнынц уголовон кодексы 156-æм статьяйы 2-аг хайы дæлхайады «а»-йы нысангонд фыдракæнды, кæцы тыхмийы фæрцы арæзт æфхæрдмæ хауы.