Михеил Саакашвилийы  хъуыддагыл  ноджы дыууæ   уæнгы æрцахстой
Михеил Саакашвилийы хъуыддагыл ноджы дыууæ уæнгы æрцахстой

Михеил Саакашвилийы  хъуыддагыл,  фыдракæнд бамбæрзыны эпизодыл, Элгуджа Цомаиайæ  уæлдай ма ноджы дыууæ уæнгы  абон æрцахстой.  Информацийы  уый фæдыл   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн сбæлвырд кодта прокуррор Леван Вепхвадзе.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ æввахс сахатты бæрæг суыдзæн  деталтæ,  цæмæй  куыд баххуыс кодтой фæнысангонд дыууæ уæнгы  агуырды  уæвæг  экспрезидентæн.  Прокуррор куыд  райхъусын кодта афтæмæй,   фæдæвзарæг  уагдонæн деталонæй  бæрæг у  Михаил Саакашвилийы  Гуырдзыстонмæ æрбацыды  æмæ змæлды  маршрут.

«Фыдракæнд бамбæрзыны фактыл ахст сты  ноджы  дыууæ уæнгы  æмæ æввахс периоды  æхсæнадæн   алы нысаниуæгджын детал суыдзæн бæрæг. Тæрхонмæ лæвæрд  Михеил Саакашвилийы  æрбацыды  маршрут фæдæвзарæг уагдонæн  деталонæй   у  бæрæг,  цæуылдæр фæдагуырд цæуы.   Уый фæдыл  МХМ-ы  цæуы  фæдагуырд  344-æм  прима статийæ, кæцы йæ  хъуыдыйы  дары  мигранты  паддзахадон арæныл  æнæзакъононæй  æрбаласыны  æмæ  йын æмбæлгæ  уавæртæ  саразын.  Уый тыххæй дæр  цæуы  бæлвырдгæнæнты  бацагуырд», –  райхъусын кодта  прокуррор.