SpaceX-ы бындурæвæрæг Тайланды лæгæтæй сывæллæтты ракæнынæн мини дæлдон науы фæлварын райдыдта [видео]
Илон Маскъ тайланды лæгæты баззайгæ сывæллæтты ракæынынæн, мини дæлдон науы фæлварын райдыдта. Компани SpaceX-ы бындурæвæрæг уый æвдисæг видео социалон хызаг Twitter-ы сæрмагонд веб-фарсыл равæрдта.
Бæрæг куыд у афтæмæй, специалонæй Тайланды цæугæ операцийæн арызт мини дæлдон науы компани SpaceX-ы сæрмагонд ракетæ «Фалькон 9»-ы хæйттæй сарызта. Уый Лос Анджелесы, сæйрмагонд бассейны багæрстой.
Илон Маскъ Twitter-ы афтæдæр ныффыста, цæмæй Тайланды лæгæты уæвæг уынгæг рацæуæны сывæллоны йас дæлдон нау рацæудзæн. Афтæдæр зæгхгæ уый æгъгъæд рæуæг у уый тыххæй, цæмæй йæ дыууæ дæолдондзогы ахæссой.
Операци райдианмæ Илон Маскъ тайландмæ йæ инженерты дæр арвыста. Уыдон сывæллæтты ирвæзынгæнæн операцийы исынц хайад.
Тайланды лæгтæы баззайгæ сывæллæтты ирвæзынгæнæн операци 8 июлы сæумæрайсом райдыдта. Ац ырæстæгмæ ирвæзынгæнæг къорд æрмæст цыппар лæппуыйы ракодта æддæмæ. Хуыцаубон изæр, операци рæстæгмæ урæд æрцыд. Аххос уыд лæгæты туаггуыры хъуагдзинад, кæцыйы сног кæнынæн хъуыдис бæрæг рæстæг.
11-æй 16 азы онг кары футболон æмбырлгонды уæнгтæ æмæ сæ тренер Тайланды лæгæтмæ дыууæ кхуырийы размæ бацыдысты. Растдæр ацы рæстæджы дон длæгæтмæ бацæуæн сыхкæдта. Сæ фæд ирвæзынгæнджытæ æрмæст 10 боны фæстæ ссардтой.