Тайланды  базарадон центрмæ бырсæгы барадхъахъхъæнджытæ спецоперацийы рæстæджы фæмард кодтой
Тайланды базарадон центрмæ бырсæгы барадхъахъхъæнджытæ спецоперацийы рæстæджы фæмард кодтой

Тайланды  базарадон центрмæ бырсæгы барадхъахъхъæнджытæ спецоперацийы рæстæджы фæмард кодтой.

Бырсæгы нейтрализацийæн,  операцийы  пъæлицæйы æмæ æфсады   специалон нысаниуæгы  балтæ   иуæймагæй  æххæст кодтойю

Ликвидацийы  онг,  гарзджын   бырсæг,  горæт Нахон Ратчасимайы   базарадон центры   26  адæймагы  амардта.

Базарадон центры  бæстыхайы   цалдæр сахаты дæргъы æхстыты  фæстиуæгæн фæцæф ис  63  адæймаг.

Тайланды  æфсады  32  аздзыд  капрал, йæ командиры æмæ  ноджы  дыууæ  æндæр адæймагы   æфсæддон базæйыл амардта.

Уый фæстæ, æхсæнгарз  аскъæфта æмæ  базардон  центрмæ бацыды онг,   горæты фæйнæрдæм æхста.