Уæрæсейаг медиа – Сочимæ чи æрбабырста, уыцы дронты хай оккупацигонд Абхазы уылты Уæрæсейы территоримæ бацыд
Уæрæсейаг медиа – Сочимæ чи æрбабырста, уыцы дронты хай оккупацигонд Абхазы уылты Уæрæсейы территоримæ бацыд

Сочимæ чи æрбабырста, уыцы дронтæй иуæй-иутæ оккупацигонд Абхазийы уылты бацыдысты Уæрæсейы территоримæ.

Уый фæдыл  хъусын кæны уырыссаг меди.

Сочимæ дроны бабырст æрцыд 24-æм июлы æхсæвы, Уæрæсейы паддзахадон информацион агентад Тасс куыд хъусын кæны, афтæмæй бабырсты фæстиуæгæн дыууæ адæймаг фæмард æмæ 11 та фæцæф сты, уыдонæй цыппар нырма дæр сты дохтырты хъусдарды бын. Уæрæсейаг медийы информацийæ, фæмардуæвæг сылгоймæгтæ сты Уæрæсейы æфсæнвæндаджы кусджытæ.

Уымæй дарддæр ма, Адлеры регионы дроны бырон йæ уæлæ куы æрхауд, уæд иу сылгоймаг фæмард, иннæ та фæцæф. Бынæттон хицауад информаци сбæлвырд кодта.

Оперативон штабы хъусын кæнынц, цæмæй дроны бабырсты фæстиуæгæн æрцыд зынгсирвæзт.

Украинаг медийы информацийæ, Сочийы аэропортмæ хæстæг нефты депо Адлеры фæхæцыд. Адлеры æфсæнвæндаджы хидыл дæр æхст æрцыд.