Местиайы, агурæн-ирвæзынгæнæн операцийы  рæстæджы ирвæзынгæнджытæ иу адæймагы мардæй  ссардтой
Местиайы, агурæн-ирвæзынгæнæн операцийы рæстæджы ирвæзынгæнджытæ иу адæймагы мардæй ссардтой

Мидхъуыддæгты министрады  æхсæнадон æдасдзинады аудæг центр 112-мæ фæхæццæ ис  информаци, ома  Местиайы, Гули æфцæгыл  уыдис турист, уæцы  куырдта  ирвæзынгæнджытæй æххуыс –  уый фæдыл  информацийы  МХМ-ы   уæлвæтк уавæрты   фæткдар куыст  хъусын кæны.

Уагдоны хъусинагæй,   уæлвæтк  уавæрты фæткдар куысты  оперативон    уагдонмæ АИШ-æй  æрцбацыд  специалон  дзырд  компанийæ, цы ран  сфиксир ис  Местиайы  уæвæг  туристты  SOS  сигнал æмæ  координаттæ.

«Хъусинагы инициатиорты   информацийæ, йемæ  уæвæг  сылгоймаг  адагмæ ахаудта  æмæ  æнъхæлцау, мард уыдис.  Хъусинагыл  реаакци уыд виппайды.  Æмбæстæгтæн æххуысы нысанæн  мидхъуыддæгты  министрады  арæйнон пъæлицæйы  хæрдмæтæхæгæй æмæ специалон  гæрзтæй   рацыдысты  ирвæзынгæнæг   къордтæ.   Зынгвæдисон-ирвæзынгæнджытæ  æфцæгыл   уæвæг нæлйгомагы  А.В.-ы  æнæзианæй  ссардтой æмæ йæ  хæрдмæтæхæгмæ сластой. Æрмæст адагмæ  цы сылгоймагы  ахаудис, З.Г.  агурæн –ирвæзынгæнæн операци  æнæаргъæвгæйæ  райдыдтой.   Амæлтты  фæстиуæгæн  территорийыл  ссардæуы д сылгоймаджы  мардыбуар, кæцыйы  ирвæзынгæнджытæ адагæй  систой.

Агурæн-ирвæзынгæнæн   операицйы  хайад истой   уæлвæтк уавæрты фæткдары куысты сæрмагонд ситуацитыл реагиркгæнæг   Местиайы  уагдоны  ирвæзынгæнджытæ» – баынсангонд у  МХМ-ы  уæлвæтк уавæрты  фæткдар куысты  информацийы.