Сомихыстоны  фæстаг 24 сахаты дæргъы  коронавирус  сбæрæг ис  1 174 адæймагæн,21  пациент та амард
Сомихыстоны фæстаг 24 сахаты дæргъы коронавирус сбæрæг ис 1 174 адæймагæн,21 пациент та амард

Сомихыстоны  фæстаг 24 сахаты дæргъы  коронавирус  сбæрæг ис  1 174 адæймагæн.  Бæстæйы «Ковид-19»-æй  рынчын  21 пациент   амард, ноджы  рæтæ фæрынчынуæвæгы мæлæты аххосæй  бавдыст сты   æндæр  низтæ.

Информацийы  рауагъдад  «Ньюс Ам» бæстæйы æнæнизхъахъъхæды министрады низты контролы æмæ профилактикæйы  националон  центрыл  æнцойæ  хъусын кæны.

Уыйимæ иумæ, æхсæв-боны мидæг  вирусæй  снæниз  сты  885 пациент.

29 ноябры  уавæрæй,   пандемийы   райдайынæй  абоны онг, Сомихыстоны  коронавирусæй  инфицирады  134 768 цау рабьæрæг кодтой, сæ нымæцы  107  364  пациент снæниз ис.

Леталон  цауты тыххæй  куы зæгъæм, уæд   Сомихыстоны  коронавирусæй рынчын 2 142  адæймаг амард, ноджы 538 фæрынчынуæвæгы  мæлæты аххосæй  бавдыст сты  æндæр низтæ.