Сомихыстоны цæрæн хæдзары æрдзон газы срæмыгъды фæстиуæгæн æртæ адæймаг фæмард æмæ ноджы 11 рынчындонмæ бахаудысты
Сомихыстоны цæрæн хæдзары æрдзон газы срæмыгъды фæстиуæгæн æртæ адæймаг фæмард æмæ ноджы 11 рынчындонмæ бахаудысты

Сомихыстоны цæрæн хæдзары æнхъæлмæкæсинаг æрдзон газы срæмыгъды фæстиуæгæн æртæ адæймаг фæмард, 11 та рынчындонмæ бахаудысты.

Цау сахар Чамбаракы æрцыд.

Ирвæзынгæнæн куысты информацийæ, æртæ фæмардуæвæг дæр сты сылгоймæгтæ. Уымæй уæлдай ма хæдзары цæрджытæй иуæй-иутæм бадзурыны фадат нырма дæр нæй. Бынатыл агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлттæ даргъ кæнынц.

Æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, цæфгондты уавæр рæстæмбис у. Уыдонæй æртæ ласынц Ереванмæ.

Уæвæг информацимæ гæсгæ, срæмыгъд æртыккаг уæладзыджы фатертæй иуы æрцыд.