Сомихыстоны абон уадзынц æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ
Сомихыстоны абон уадзынц æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ

Сомихыстоны  æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ цæуынц. 20 июны  æвзæрстыты  25 партийы  æмæ  блокъæй исынц хайад. Национ æмбырдмæ бахауынæн  партитæн   бахъæудзæн  5 проценты, æрмæст  блокътæн та  7 процентон  барьерыл ахизын.

Бынæттон  социологион  центр  «MPG ltd»-ы   фæстаг рафарстмæ гæсгæйæ,   блокъ «Аястанæн» (Сомихыстон), кæцыйæн  къухдариуæг кæны   раздæры президент  Роберт Кочарян, йæ фарс хæцынц  æвзæрстгæнджыты  24,1  процент, æрмæст премьер-министры хæстæ æххæстгæнæг Никол Пашиняны блокъæн  «Æмбæстагон  Разыдзинадæн» –  та  23,8%.  Рафарстмæ гæсгæйæ, æртыккаг бынатыл ис   раздæры президент  Серж Саргсяны   блокъ  «Ис мын  Намыс» – 7,4 прцоент.

Æвзæрстытæ  æвзарæнон  фадгуытыл  бынæттон рæстæгæй  08:00 сахатыл байгом сты æмæ 220:00 сахатыл та  фадгуытæ  уыдзысты  æхгæд.