Сомихыстон æмæ Азербайджаны  хъахъхъæнынады  министрадтæ арæныл уæвæг уавæры фæдыл информаци публикаци кæнынц
Сомихыстон æмæ Азербайджаны хъахъхъæнынады министрадтæ арæныл уæвæг уавæры фæдыл информаци публикаци кæнынц

Сомиыхстоны æмæ Азекрбайджаны хъахъхъæнынады  министрадтæ  арæныл   уæвæг  ситуацийы  фæдыл  информаци  публикаци кæнынц.

Сомихыстоны  хъахъхъæнынады  уагдоны хуъсинагæй,   сæумæрайсомы  08:00  сахаты уавæрæй,   арæныл   уавæр нæ фæивдта.

«Ныхмæлæууæг дарддæр кæны  артиллерийы,  минææхсджытæй, æнæпилот тæхæн аппараттæй æмæ  ставдкалибрджын  хæцæнгарзæй  архайын Варденисы, Соткийы, Артанишы, Ишханасары, Горисы  æмæ Капаны æрдæмадæй, куыд  æфсæддон афтæ  æмбстагон инфраструктурæйы  ныхмæ.  Арæны хицæн фадгуытыл,  æуынц позицион тохæмбæлдтæ. Ныхмæлæууæг  нæ  уадзы  размæбырсты архайдтытæ», – дзырдæуы Сомихыстоны  хъахъхъæнынады  уагдоны   фидиуæны.

Министрады хъусинагæй,   Сомихыстон уæвæг  уавæры  фæдыл информаци бадæтта  бæстæйы  аккредитацигонд минæварадты æфсæддон атташетæн.

Сомихаг медиайы хъусинагæй,  Азербайджаны  гарзджын тыхтæ  æхсæвы рæгмæ   ГРАД-ы  системæтæй  æхстой  Суникы  зылды хъæу Карашенийы æрдæм.  Базиан ис  цалдæр бæстыхай,  ничи фæцæф ис.  Уыимæ  рауагъдад «Ньюс АМ»- фыссы, цæмæй Азербайджаны  æрдгæй  хъæу Соткийы  æрдæм артиллерион æхсты фæстиуæгæн фæцæф сты дыууæ сылгоймаджы.

Азербайджаны  хъахъхъæнынады  уагдон   Сомихыстоны  цæрæн рæтты æмæ æмбæстагон  инфраструктурæйыл бомбæкалдыл нæ сæтты æмæ йæ  дезинформацийæ хоны.

«Уыдæттæй  сомихаг фарс архайы, басусæг кæна  йæ масштабон провокаци  æмæ æхсæнадæмон  дзыллæй  хъусдард аиуварс кæна», – дзырдæуы   фидуиуæны.

Уæвæг  уавæры фæдыл куырдиат пбликаци кæны  Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министрад.

«12 сентябры æхсæв, Сомихыстоны гарзджын  тыхты  дæлхайадтæ, Сомихыстон-Азербайджаны  паддзахадон  арæн Дашкесаны, Калбаджары æмæ Лачины  æрдæмадтыл  егъау масштабон  провокаци сыххæст кодтой. Азербайджаны  хъахъхъæнынады министрады информацийæ,  æхсæвы Сомихыстоны  гарзджын тыхты диверсион  балтæ  спайда кодтой  хохджын рельефæй  æмæ  кæмттæй,   Азербайджаны  æфсады  хайадты позициты æмæ ифтонгады фæндæгты  æхсæн территоритæ æндæр æмæ æндæр   æрдæмадæй  халæн гарзгтæй  сифтыгъдтой. Уый æддæмæ ма,  Сомихыстоны  гарзджын  тыхтæ  æндæр æмæ æндæр типы  хæцæнгарзæй, уый нымæцы минææхсджытæй интенсивон æхст бакодтой  Азербайджаны æфсады  позициты æрдæм, Дашкесаны, Калбаджары æмæ Лачины   районты. Уый фæстиуæгæн  ис  амæттаг  неæ  гарзджын тыхты сæрмагонд сконды,  базиан ис  æфсæддон  инфраструктурæ» – дзырдæуы Азербайджаны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны.

Æддагполитикон уагдоны информацийæ, Азербайджаны  хицауад фæнысангонд  æрдæмадтыл  æфсæддон хайадтæ  арвыста æмæ карз  дзуаппон   мадзæлттæ скодта. Азербайджаны  æддагполитикон уагон  Сомихыстоны  æхсæнадæмон   барады  æмæ æртæфарсон бадзырдты гуырымыхъхъ  хæлды  аххосджын кæны.