Синоптикты информацийæ, 13-æм апрелы Шида Картлийы уæлдæфы температурæ -4 градусы онг æрхаудзæн, бæстæйы хæххон районты та -6 градусы онг
Синоптикты информацийæ, 13-æм апрелы Шида Картлийы уæлдæфы температурæ -4 градусы онг æрхаудзæн, бæстæйы хæххон районты та -6 градусы онг

Алфæмблайы националон агентад 13-æм апрелы æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл фæдзæхст парахат кæны.

«13-æм апрелы, æхсæвы æмæ райсомы сахатты Шида Картлийы уæлдæфы температурæ æнхъæлмæкæсинаг у -2, -4 градусы онг æрхауа, бæстæйы хæххон районты та -4, -6 градусы онг».

«Æппæрццаг температурæтæ гæнæн ис æмæ зиан æрхæссой дыргъбæлæстæн æмæ зымæгон мæнæуы культурæтæн дидинæфтыды фазæйы (тæссагдзинады æмвæзады астæуккаг)», — дзырдæуы Алфæмблайы националон агентады хъусинаджы.