Си Дзинпин – Америкаг-Китайаг ахастытæ  вазыгджын уавæры сты æмæ мах уый тыххæй  тынг  мæт кæнæм
Си Дзинпин – Америкаг-Китайаг ахастытæ вазыгджын уавæры сты æмæ мах уый тыххæй тынг мæт кæнæм

Ацытæккæ  америкаг-китайаг  ахастытæ  вазыгджын уавæры сты æмæ  уый тыххæй тынг мæт  кæнæм – уый фæдыл  АИШ-ы президентимæ арфæйы ныхасы  рæсæджы  Китайы лидер Си Дзинпин   райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Америкæ æмæ Китай  раст курс хъуамæ сывзарæт.

«Куыд дыууæ  нысаниуæгджын бæстæйы  лидертæ, мах хъуамæ  сывзарæм  раст курс. Хъуамæ бацагурæм рат æрдæмад дыууæфарсон  азастыты  размæцыдæн, æмæ  ахастыты  фæхуыздæр кæнынæн» – банысан кодта  Си Дзинпин.

Си Дзинпины фидиуæнæй,   Дуне АИШ-ы æмæ Китайæ   æнхъæлмæ кæсы  æмахастыты срегулир кæнынмæ.  Афтæма йæ дзырдæй, дыууæ  бæстæйы  лиедрты фембæлд Дунейы хъусдарды  центры ис.

«Фембæлдыл хъуамæ æргомæй  баивæм зхъуыдытæ стратегион   нысаниуæгы фарстатыл» райхъусын кодта Си Дзинпин.

Йæхиæрдгæй  Джо байден  арфæйы ныхасы  бахахх кодта АИШ-ы æмæ Китайы  æхсæн  конфликт аиуварс кæныны нысаниуæг.  Афтæма йæ  дзырдæй  зæгъгæ  уый разы у  коммуникацион хахх æргомæ  ныууадзынимæ, цæмæй  дыууæ  дæр бæстæйæн уа  фадат иумæ кусын æнæаргъæвгæ  фарстатыл, сæ нымæцы  климатон   ивды æмæ æдасдзинадыл.

Байдены  дзырдæй,  зæгъгæ Дуне æнхъæлмæ кæсы  цæмæй дыууæ бæстæ партнертау бакусдзысты.

АИШ-ы æмæ Китайы  президентты фембæлд  Индонезийы  сакъадах балийы цæуы.   Уый президентты  рангы дыууæ бæстæйы  идерты  фыццаг фембæлд у, кæцы  «Стыр Дыууыны» саммиты фæлгæтты  цæуы.