Шотланди бархионы фæдыл ног референдум ауадзыны фарстыл тæрхон кæнын хъаваы

Шотланди  бархионы  фæдыл   ног референдум ауадзыны фарстыл тæрхон кæны.  Уый фæдыл   фидиуæны  Шотландийы   фыццаг  министр   Никола  Старджон  сарызта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   иугонд паддзахадæй   Шотландийы   рахицæны  фæдыл  æппæтадæмон   рафарст ауадзын цас нысанæраст уыдзæн уый  фæдыл,  Шотландийы    хицауад  «Брекситы»   процессы  детæлттæ   фылдæр куы фæбæрæг уыдзысты  уый фæстæ  æруынаффæ кæндзæн.

«Куыддæр нæ  фæзындзæн «Брекситы»  æмæ Стыр Британийы  Евроцæдисимæ  фидæны  ахастыты  фæдыл   фылдæр    бæрæг  æмæ  дырыс  фæстиуджытæ, кæцы ныфсджын стæм ацы  аз  фæззæгмæ  фæбæрæг уыдзæн,   ацы  рæстæгæй  райдайдзыстæм   референдум ауадзыны фарсты  кæсын» – загъта Никола Старджон.

Бакой уын кæндзыстæм,  2017  азы   марты   Шотландийы   фыццаг министр   райхъусын кодта,  ома Шотландийы   хæдбардзинады  фæдыл   ног реферндумы  ауадзын гæнæн  ис  2018 азы  фæззæгæй  2019  азы  уалдзæджы  онг периоды   бантыса, кæнæ та уæдмæ, цалнымæ  Иугонд Паддзахад  Евроцæдисæй  рацæудзæн.

Шотландийы  хæдбардзнады   фæдыл   фыццаг референум  2014  азы  ацыд,  æмбстæгты  фылдр  йеуæд схъæлæс кодтой  Иугонд Паддзахады  сконды  баззайынæн.