Европæйы  бæстæтыл  йæхи ныццавдта  шторм  «Киара
Европæйы бæстæтыл йæхи ныццавдта шторм «Киара

Европæйы  бæстæтыл  йæхи ныццавдта  шторм  «Киара».

Боныхъæды виппайды  фæфыддæры  æмæ  тæркъæвдайы  тыххæй,   Европæйы   уæлдæфон  змæд   нысаниуæгджынæй  фæкуылымпы ис.

Арæнæвæрдтæ  æрбайстой  æхсæнадон транспортыл дæр,  скъолатæ  та  æхгæд æрцыдысты.

Германийы   уады  тагъдад   æххæссы 120  километрмæ.  Франкфурты  аэропорты   100-ы  онг   тахт  æргъæвд æрцыд.

Æфсæнвæндаджы   националон опреатор  «Дойче Бан»  дард рейсытæ   аивдта.

Афтæма  бритайнаг  авиакомпанитæ  дæсгай   мид æмæ  æхсæнадæмон  рейсытæ  аивдтой.  Шотландийы   барæн йæ уæлхæдзар ныккæлыны фæстиуæгæн  зиæнттæ райстой  æртæ адæймаг.

Францы,  хицауад  цæрджыты  фæдзæхсы  донивылдæй. Сæрмагондæй   уæззау  уавæр ис  бæстæйы  цæгат-ныгуылæн регионты.

Нидерландты   уады  тагъдад  нырид  ахæццæ ис  100 км  сахатмæ.  Футболы националон   федераци  алы  матчытæ  аивдта.