Францы скондæй  Ног Каледонийы  рахицæн  кæныны фæдыл референдум сырæздзæн
Францы скондæй Ног Каледонийы рахицæн кæныны фæдыл референдум сырæздзæн

Францы скондæй  Ног Каледонийы  рахицæн  кæныны фæдыл референдум 4 ноябры ацæудзæн.

Фарст  кæцыйыл дзуапп раттын бахъæудзæн æвзæрстгæнджыты, афтæ бавдыст  уыдзæн : «Фæнды уæ æви нæ,  цæмæй Ног Каледонимæ лæвæрд æрцæуа æххæст суверенитет  æмæ суа  бархи?»

Ног Каледонийы  хæдбардзинады  фæдыл  референдумы ауадзын  1998 азы къухбафыст  бадзырдæй  у  фидаргонд.

Бадзырд Сабыр Океаны уæвæг  архипелагæн  Францы  фæсденджыз территориты  статусы ивд дары  йæ  хъуыдйы.