Евро 2024  |   Гуырдзыстоны æмбырдгонд равзарæн этапыл  фыццаг фембæлд Шотландийы  амбылдта #1TVSPORT
Евро 2024 | Гуырдзыстоны æмбырдгонд равзарæн этапыл фыццаг фембæлд Шотландийы амбылдта #1TVSPORT

Евро  2024-ы  квалификацион  этапыл Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  æртыкаг туры  матч  Глазгойы,  къорды лидер Шотландиимæ  ахъазыд æмæ хыгъдæй  2:0  фекмбылд ис.

Матч уæззау  уавæрты  райдыдта – тæркъæвдайы  тыххæй  фæз ысцад ис сис  пурти нал   тылдис.  6-æм минутыл шотландийæгтæ   хыгъд бакодтой –   къæм баппæрста  Калум Макгрегор.

 

Уый фæстæ  венгриаг арбитр   Иштван Вад  матч 20 минутæй  фæурдæта, фæлæ  паузæ   сахат æмæ æрдæг аххæссыд æмæ матч  фæстагмæ, Гуырдзыстоны  рæстæгæй  00:34 сахатыл сног ис.

Фыццаг таймы  хыгъд  ивд нал фæивдта.  Матчы дыкккаг   æрдæджы та  шотландийæгтæ цæрдæг райдыдтой æмæ  тагъд дыккаг  къæм дæр батылдтой.   Матчы  кæрон  арбитрæй  уæлæмхас лæвæрд   3-æм минутыл Гуырдзыстоны æмбырдгондæн фæзындис  хыгъд фæкаддæр кæныны шанс, фæлæ Хвича Къварацхелиа  пенальти  дзæбæх нæ  сыххæст кодта æмæ фæстагмæ,  шотландийæгтæ  равзарæн  къорды  фæдфæдыл  цыппæрæм матч рамбылдтой. Гуырдзыстоны æмбырдгонд та  фæнысангонд  циклы  йæ фыццаг  матчы  амбылдта.