Шарль Мишель -  Сомихыстон-Азербайджаны арæныл  æфсæддон архæйдтытæ æнæаргъæвгæйæ  бауромын хъæуы
Шарль Мишель - Сомихыстон-Азербайджаны арæныл æфсæддон архæйдтытæ æнæаргъæвгæйæ бауромын хъæуы

Европæйы Советы  президент Шарль Мишель Сомихыстон-Азербайджаны арæныл  цæугæ  фæзындты  кой  кæны. Йæ ныхæстæм гæсгæ,   Сомихыстон-Азербайджаны арæныл  æфсæддон архæйдтæ  æнæаргъæвгæйæ бауромын хъæуы  æмæ фарсытæ хъуамæ æрыздæхой бадзырдты  фингмæ.

«Уæлхох Карабахы  конфликты  зонæйæ  рацæугæ  информаци  æфсæддон архæйдты  райдаыны  фæдыл   серзозонæй мæтæфтауæг у.  Æфсæддон архæйдтытæ  æнæаргъæвгæйæ  бауромын хъæуы, цæмæй  дарддæр эскалаци мауал уа.  Цыфæнды уæлдай ныхасæй цух,  бадзырдты  фынгмæ  æрыздæхын  у иунæг фæндаг» –   фыссы Шарль Мишель.