Серги Капанадзе - оппозици дарддæр кæндзæн диалог хицауадимæ æмæ ницæй фехалын хъавы
Æххæст бæрнæй хъусын кæнын, оппозици хъавы æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ æмæ политикон лигъдæттыл бадзырдтæ кæронмæ бакæнын, «Гуырдзиаг Бæллицц» хъуамæ уæлдай ауадза ацы фасрт, кæд сæ нæ фæнды кризис фæарфдæр уа» – уый фæдыл «Европаг Гуырдзыстоны» уæнг Серги Капанадзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ «Гуырдзиаг Бæллицц» пропаганда уыдзæн, цæвиттон оппозици архайы бадзырдтæ фехалын. Капанадзе æмбарын кæны цæмæй оппозици дарддæр кæндзæн диалог хицауадимæ æмæ ницæй фехалын хъауы.
«Уыдонæн ирвæзынгæнæн зиллакк уыдзæн, кæд бадзырдты фехалын оппозицийы æфсон фæкæндзысты. Уый тыххæй ницы фехлын хъавæм, нæ рарад у цыбырдæр æмгъуыдтæм баххæссæм æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæм æмæ политикон лигъдæттæ ссæрибар уой. Хъавæм планы кронмæ бакæнын. Уы йнæу æрмæст оппозици-хицауады бадзырдтæ, практиконæй æппæт дзыллæйы фæндон у, цæмæй тынг уæззау кризис аскуыддзаг уа, ацы кризис ноджы арфдæр кæны. Фыццаг стыр къахдзæф уыд фальсификацигонд æвзæрстытæ, стæй Ника Мелиайы æрцахст, ныр ацы уæззау ныффыстытæ, кæцытæ публикацигонд сты, Гахариа дæр йæ куыстæй йæхи систа. Бæрæг у, цæмæй легитимондзинады æххæст кризис ис хицауадмæ. Ацы кризисы алыгы иунæг фæндаг у æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ.
Кæд рæстмæ хъуыдымæ байхъсдзысты, кæд уый гæнæн бауыдзæн. Цæттæ стæм, уый фæдыл нын уа бадзырдтæ. Кæд нæ уæд та æххæст бæрн æвæрд цæудзæн уыдоныл æмæ мах та фæлæууын нæ хъавæм. Опапозици дарддæр кæндзæн диалог хицауадимæ. Бадзырдты Гъарибашвили хайад нæ иста. Уый цæмæй иу парти сарызта фидиуæн, цæмæй сæ нæ фæнды Гъарибашвилиимæ иумæбадын, нæ нысан кæны, цæмæй бадзырдтæ фæкъуыхцы уыдзысты кæнæ оппозици хъавы бадзырдтæ фехалын уый тынг бæрæг у» – банысан кодта Серги Капанадзе.